Ахæм зындзинæдты сæрты æрвылбон хъæуы хизын Уæллаг Бирæгъзæнджы цæрджыты. Æндæр гæнæн сын нæй, æрмæст афтæ сæ бон у сæ хæдзæрттæм бахауын. Трассæйыл фистæгæй цæуæн нæй арæзт. Автобус ацæуы поселочы рæзты æмæ бауромы æрмæстдæр Алагиры автовокзалы.
Афтæмæй, дæ, зæгъæм, Уæллаг Бирæгъзæнгæй Алагирмæ куы хъæуа цжуын, кæнæ иннæрдæм, уæд хъуамæ баххуырсай такси. Фæлæ æрвылбон 5 минуты цыдæн 200-300 сомы фидын алкæй дзыпп нæ амоны. Раздæр цæрджытæн фадат уыд фистæгæй ацæуын поселокмæ комкоммæ фæндагыл, 15-20 минутмæ. Фæлæ хид кæлæддзагыл кæй банымадтой, уый тыххæй дзы хæдтулгæтæн ацæуыны бар нал уыд, æрæджы та йæ сæхгæдтой фистæгæй цæуджытæн дæр.
Кæлæддзаг хид хауы федералон фæндæгтæгты управленимæ. Ныридæгæн æй архайынц Алагиры районы бæрны бакæныныл. Æрмæст афтæ уыдзæн фарста аиуварс кæнæн. Нырма та уал цæрджытæ быхсынц уавæртæн. Æндæр гæнæн дæр сын цы ис?
Шофыртæ фæндагыл вæййынц алыхуызон. Адæм курынц, цæмæй хидыл скæной фистæгæйдзæуæн, радтой сын куыд æмбæлы, афтæ хæдзæрттæ æмæ куыстмæ цæуыны фадат. Алагиры районы сæргълæууæг Демыраты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, проектыл ныридæгæн архайынц. Пъланмæ гæсгæ, ам хъуамæ фæзына арт-объект, аллей, бырондæттæ, бандæттæ. Иуныхасæй, цæрджыты удæнцойдзинадæн æппæт уавæртæ. Уæдмæ та уал Адæмон фронты активисттæ æрхъуыды кодтой рæстæгмæйы мадзал.
Адæм æххуысы фæдыл сидтысты Сергей Меняйломæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ сæ сæргълæууæг арвыста Росавтодормæ, уыдон та регионалон филиалмæ. Кæронбæттæны та — Цæгат Ирыстоны транспорты комитетмæ. Уым сын загътой, зæгъгæ, æхца нæй. Адæмон фронт ныфс бавæрдта цæрджытæн фарста аиуварс кæнынæй.
Хъуыддаг банывыл кæнынæн хъæуы рæстæг. Фæлæ тагъд баивдзысты балцвæд, Уæллаг Бирæгъзæнджы сараздзысты æрлæууæн. Уæдмæ та уал цæрджыты хъæуы æнхъæлмæ кæсын. Уавæр бæрæг кæндзæн не сфæлдыстадон къорд дæр.
















