Æнæзакъон бырондон сæвзæрд Горæтгæрон районы. Рабæрæг æй кодтой Уæрæсейы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ. Апарахат 7 мин квадратон метрыл, Майское хъæуы цæгаг-ныгуылæн фарс хъæууонхæдзарадон зæххытыл. Бырон ардæм ласынц афӕдзы ‘рдæгӕй фылдӕр. Фæзуат хаццоны чи исы, уымæн раздæр бафæдзæхстой, цæмæй уавæр аиуварс кæна.
Фæлæ Уæрæсейы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды управленийы кусджытæ бынаты хорзырдæм ивддзинæдтæ нæ рабӕрӕг кодтой. Бырондон цалдӕр милуаны аргъӕн ӕрхаста зиан ӕмӕ уал сӕ дзуапдӕттӕгӕй ӕрдомдзысты тӕрхонон архайды размӕйы фӕлгӕты.
















