Ван Гогы музейы Голландийы байгом ирон нывгæнджыты равдыст. Равæрдтой дзы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны дæсныты 100 куысты. Сты хъуыстгонд. Мадзаларазæг æппæтадæмон æнæкоммерцион ассоциаци «Возрождение»-йы сæрдар Пухаты Радион. Равдыстæн æмбал нæй. Баиу кодта алы фæлтæрты 23 нывгæнæджы сфӕлдыстад. Дыууæ азы пандемийæйы аххосæй музейы ницы мадзæлттæ арæзтой.
Ирон культурæйы бонтæ Европæйы цæуынц 2010-ӕм азæй фæстæмæ. Уыцы рæстæгмæ программæйы фæлгæты бацæттæ кодтой дæсгай мадзалы Брюссель, Рим, Париж, Люксембург, Берлин æмæ Европæйы æндæр горæтты.
















