Комкоммæ лини æмæ пресс-конференци уыцы иу рæстæг – ахæм иугонд форматы ацы хатт Владимир Путин дзуапп лæвæрдта нæ бæстæйы цæрджыты цы фарстатæ тыхсын кæны, уыдонæн. Сæйрагдæр темæты æхсæн уыд нæ бæстæйы экономикон уавæр, сæрмагонд æфсæддон операци æмæ æддагон политикæ. Фыццаг фарст президентмæ радта Цæгат Ирыстойнаг журналисткæ Колыты Людмилæ. Фæндыд æй базонын, бархионæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдонмæ дæр иннæ æфсæддонтæн цы льготæтæ ис, уыдон хауынц, æви нæ.
Ацы азы сæйраг нысан Владимир Путин схуыдта нæ бæстæйы хæдбардзинад, стæй цæрджыты бартæ æмæ сæрибардзинад бахъахъхъæнын. Экономикæйы вазыгджындæр бæрæггæнæнтыл дæр æрдзырдта. Нæ бæстæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы мидæггаг æфтиæгтæ схиздзысты афæдзы кæронмæ 3,5%.
Владимир Путин ма загъта, нæ бæстæйы æддаг хæс бæлвырд кæй фæкъаддæр – 46-æй 32 миллиард доллармæ. Æгуыст адæмы нымæц дæр ахæм ныллæг никуы ма уыд – 2,9%. Мидæггаг туризм дæр æнтыстджынæй рæзы. Бæстонæй президент æрлæууыд программæтæ «Хъæуккаг дохтыр» æмæ «Хъæуккаг фелсыр»-ы программæты тыххæй фарстыл.
Уæрæсейы сæргълæууæг, дзуæппытæ дæттгæйæ, бафиппайдта, регионалон æмæ муниципалон спорты рæзтæ фæстæмæ бюджетæй фæрæзтæ дих кæнын кæй райдайын хъæуы, уый. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады лæггæдты аргътыл дæр æрлæууыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон хъуамæ фидæны азы июлæй раздæр ма схизой. Пенситæ фæфылдæр кæныны темæйыл дæр æрдзырдта.
Владимир Путин ма рахæцыд бинонты ипотекæйы программæ адæргъвæтин кæныны фарс. Хъæууон хæдзарад æмæ медицинæйы къабæзты лыггæнинаг фарстатæ, ног регионтæн æххуысы гæнæнтæ – ацы æмæ ма æндæр темæтыл дзырдта нæ бæстæйы президент. Æмткæй райсгæйæ радта дзуапп 80-мæ хæстæг фарстайæн.
Биджелты Бертæ
















