Уæрæсейы президент Владимир Путин бахæс кодта ацы аз сывæллæтты рæвдауæндæтты радимæ баст фарста ауиварс кæнын. Хъуыддагыл бæстонæй кусынц нæ республикæйы дæр. Арæзт цæуы скъолайы агъоммæйы ног уагдæттæ. Уыимæ ма уæлæмхасæн бæстыхæйттæ. Сабиты ныййарджытæ къуылымпыдзинæдтæ не ‘ййафынц. Сæйрагдæр у курдиат рагацау бадæттын. Бардæттæг гæххæтт райсæн ис цыбыр рæстæгмæ.
Моргуаты Агуындæ йæ хистæр сывæллонæн рæвдауæндонмæ бардæттæг гæххæтт райста дыууæ минутмæ. Курдиат балæвæрдта сывæллоны райгуырды фæстæ. Дистанцион хуызы, хæдзары уæвгæйæ. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй процедурæ у æнцон æмæ тагъд.
Чидæртæ сæрмагонд гæххæтт нырма ныр райстой. Иннæтæ та сæ сывæллæтты ныридæгæн уагдæттæм бакодтой. Бирæ бинонтæ цалдæргай сабийы. Ныййарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, къуылымпыдзинæдтимæ нæ сæмбæлдысты. Сæйрагдæр у рады раздæр слæууын.
Ахæм хорз уавæртæ алкæд нæ уыд. Раздæр рады фылдæр адæм лæууыд. Ныртæккæ фарста иуварс кæнынц ног рæвдауæндæтты руаджы. Хорз æххуыс сты уагдæтты уæлæмхасæн бæстыхæйттæ. 60-æм рæвдауæндоны, дзырдæн, байгом кодтой ноджы цалдæр ног къорды, уыдоны руаджы фылдæр сабиты райстой.
Ныридæгæн рады лæууы 5901 адæймаджы. Курдиат бадæттын хуыздæр у сывæллон куы райгуыры, уæд мæй фæстæ. Сабийыл афæдз æмæ æрдæг куы сæххæст уа, уæд та Дзæуджыхъæуы префектурæйы сæрмагонд гæххæтт райсын. Фæлæ рагацау курдиат бадæттын къухы куы нæ бафта, уæддæр æй бæрнады къуырийы æмгъуыдмæ райсæн вæййы.Уымæн ис цалдæр гæнæны.
Рæвдауæндæттæм рады лæууыны фарстамæ хицауады уæнгтæ лæмбынæг кæсынц. Куыд регионалон, афтæ федералон æмвæзадыл дæр. Владимир Путин бахæс кодта ацы фарста ауиварс кæнын. Мах регионы стыр куыст бакодтой. Алы аз дæр гом кæнынц ног рæвдауæндæттæ. Ацы аз дæр бындуронæй сцалцæг кæндзысты 31 бæстыхайы, байгом кæндзысты сывæллæтты ног рæвдауæндæттæ.
















