Джынасуйы тæф хъыгдары рæуджытæ, нервтæ, игæр æмæ уыргтæ. Ахæм хатдзæгтæм рцыдысты эксперттæ. Джынасу арæхдæр вæййы люминисцентон æмæ электрон тых чи фæстауæрц кæны, ахæм цырæгъты. Адæймаг сæм хъæугæ цæстдард не здахы, сыгъд цырæгътæ уæгъдæй бырæттæм аппарынц. Æрæджы специалисттæ ацы фарстамæ æкрастысты æмæ раиртастой фаг куыст кæй на цæуы, уый. Хъыгагæн, бирæтæ зонгæ дæр нæ кæнынц, ацы цырæгътимæ раст куыд архайын хъæуы æмæ сын сæ æбæрнондзинад арæх зиан æрхæссы. Бæлвырддæр радзурдзæн не сфæлдыстадон къорд.
Джынасуйыл ногæй кæм бакусынц, ахæм куыстуат нæ руспубликæйы иунæг у. Хуыйны «ЭкоДом». Кусы 7 азы дæргъы. Сæ заказгæнджытæ фылдæр хатт муниципалон хайæдтæ æмæ алыхуызон организацитæ вæййынц. Закъоны загъд цæуы: джынасуджын цырæгътæ æмбырдгæнæнтæ аразын у бынæттон администраци æмæ разамонæг компаниты хæс. Уыимæ ма опци баст у коммуналон лæггæдтты фиддонтимæ. Фæлæ, лæмбынæг æркæсгæйæ, хабар æндæр хуызон у. Куыд рабæрæг, афтæмæй нæ регионы æмвæзадыл хорз кæ кусынц. Бирæ цæрджытæ зонгæ дæр не сты, сыгъд цырæгътæ кæдæм ис раттæн, уыимæ.
Люминесцентон лампæтæ кæй хонынц, уыдон се ппæтты тæссаг дæр кæй сты, уый бæлвырд у. Цырагъæн йæ урс у джынасу. Заводтæм сæ ласын хъæуы сæрмагонд контейнерты. Иу ахæм саст æмæ зæхмæ ппæрст цырагъ зиан хæссы уæлдæфы 6 кубометрæн.
Фарста ахицæн кæнын ис, зæгъынц эксперттæ. Уый тыххæй хъуамæ разамонæг компанитæ цæрджытæй сыгъд цырæгътæ æмбырд кæной. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хабар лæвар арæзт не рцæудзæн. Цалынмæ хицауады уæнгтæ хъуыды кæнынц кæмæй цас исдзысты, уæдмæ тæссаг джынасу адæмæн æмæм æрдзæн зиан хæссы.
Куыстуат «ЭкоДом»-ы разамонæг Николай Рогов: «Бынæттон администрацийы уæнгтæ æмæ хицæрæнуæтты æмбалад хъуамæ сæхæдæг аразой цырæгъты сæмбырд. Уыцы куыст куы бакæниккой, уæд мах цæттæ стæм дарддæр архайынмæ».
Специлистты хатдзæгтæм гæсгæ, электрон тых чи фæстауæрц кæны, ахæм цырæгъты раст æмбырдгонд нæ цæуынц. Уымæ гæсгæ закъонхæлджытæ бирæ сты. Се`хсæн – уæлдæр ахуырадтæ, техникумтæ, скъолаты æмæ республикæйы базартæ. Ацы хыгъдмæ нæ хауы Дзæуджыхъæуы разамынды институт. ЭкоДомимæ рагæй æмгуыст кæнынц.
Дзæуджыхъæуы разамынды институты ректор Цопанты Игорь: ««ЭкоДом» – мимæ мах бафыстам бадзырд. Мæнмæ гæсгæ уый раст у. Сыгъ джынасу цырæгътæ хъуамæ уагæвæрдмæ гæсгæ æппæрст цæуой, цæмæй адæмæн зиан ма хæссой, уый тыххæй. Нæ фидæныл хъуамæ хъуыды кæнæм æмæ домæнтæм гæсгæ кусæм».
Æкологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады разамонæг Мамиаты Чермены хъæппæрисæй апрелы куыстуат «ЭкоДом» æмæ ма электрон тыхæй кусæг товарты 2 дуканийы сараздзысты акци. Æлхæнджытæ зæронд цырæгътæ куы рбахæссой, уæдногтæ балхæндзысты 20% асламдæрæй. Афтæмæй адæмы сахуыр кæнынмæ хъавынц электрон тых чи фæстауæрц кæны, ахæм лампæтæй раст пайда кæнын. Экологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй джынасу æппæтæй тæссагдæр у тæвд рæстæг куы уа, уæд. Уымæ гæсгæ ацы фарста алыг кæнын хъæуы, цалынмæ уалдзæг йæ тæмæны нæ бацыдис, уæдмæ.
















