Хъодзаты Æхсары æрæджы дæр ма ирон дзырдаивады цардæгас цæджындз схонæн уыд… Фӕлӕ кӕд æгъатыр рæстæг «уыд», зӕгъгӕ, бахахх кодта, уӕддӕр Æхсары фыстытыл йæ тых нæ цæуы. Равзæрстам поэты æмдзæвгæты æмбырдгонд «Исчи».
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Судзаг æвзаг
- Выпуск от 29.10.2021
Хæуытаты Къоста
29.10.2021 20:30
Судзаг æвзаг
Выпуск от 29.10.2021
Хæуытаты Къоста ссардта уæздандзинады гуырæнтæ. Ныр базондзыстæм, иронау «сфера» æмæ «блаженство» куыд сты. Æмæ амæй фæстæмæ «сфера блаженства» зæгъынмæ дæр сарæхсдзыстæм.
«Уæздандзинады гуырæнтæ» ацы æрвитæнæй ис равгæнæн электронон чиныгдон «Бæрзæфцæг»-æй: https://vk.com/barzafcag?w=wall-33833481_2250
- АХХÆССÆН: Хуыцауы сконд дун-дунейы ис æртæ тыгъдадон аххæссæны.
- ÆХЦОНАД: Уыцы алæмæты райдзаст, æнусон æхцонад æвзарæн рухс цæрæнуат.
- ÆНХЪÆЛЦАУ: Мадызæдмæ кувгæйæ фæкурынц… цоткæнынад æмæ рæстмæйы хъуыддаг æнхъæлцау сылгоймæгтæн.
- БАДДЗÆГТÆ: Йæ хъомыс кæуыл цæуы, уыдон сты: арвынæрд æмæ арвы цæф, баддзæгтæ.
- ФАДЫВАРЦ: Таурæгътæм гæсгæ, йæ сурæт — карджын нæлгоймаг, фыййауы дарæс æмæ фадыварцы, æд лæдзæг.
- ХЪÆДОХ: Хъæдох у хъæдтæ, хъæддзаутæ æмæ хъæды зайæгойты бардуаг.
- ЦУРЫН: Ирон адæм кæй нæ хæрынц, уыцы цæрæгойты фыд фыцын кæнæ цурын.
- КУЫРДДЫМ: Куырддым æмæ æнæсы фосæй нывонд кæнын.
- ДЖИУЫН: Хойрагмæ карды кæнæ æндæр цыргъаджы фындзæй æвналын (джиуын).
- САГГОМ: Йæ уæлæ лæууын кæнæ бадын, къухы саггомæй йæ исын.
- УДХЪУАГ: Удхъуаг (сахъат) адæймагæн йæ сахъатдзинадыл бахудын, фидис ын æй бакæнын.
- УАЗ: Уый алы ныййарæгæн дæр æрдзы æмæ æхсæнады раз йæ уаз хæс у.
Ацы дзырдтæ цы амонынц, уый алæвæрдæй ис базонын, мæ хæлар.
Другие выпуски
