Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст егъау фыдбылызтӕ ӕрхаста нӕ дзырдаивадӕн. Бирӕ ирон поэттӕ ӕмӕ фысджытӕн сӕ курдиаты талайӕ къабузджын бӕлас нал рауад…
Ирон литературӕйы арвыл Кочысаты Мухарбеджы ном у ӕрттиваг стъалыйы хуызӕн. Ольгинскӕйаг лӕппу, ӕрыгон поэт, стыр курдиаты хицау, хъӕбатыр хӕстон Мухарбег ныууагъта йӕ фӕстӕ ирд ӕмӕ рӕсугъд фӕд.
















