Абон та Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театр ногæй райдыдта йæ куыст. Чеховы арф философон хъуыды та райхъуыст ирон театры сценæйӕ. Аивадуарджыты размæ рахастой дыууæ хайæ арæзт спектакль Палата №6. Спектаклы режиссер Цæгат Ирыстоны адæмон артист Битарты Алыксандр. Уацмысыл бакуыстой фарон, фæлæ ныры дуджы дæр актуалон кæй у, æмæ йыл стыр хъомыладон хæстæ æвæрд кæй ис,уымæ гæсгæ сæ репертуары аккаг бынат барцахста. Уæвгæ дзы алчидæр йæхицæн цавæрдæр хъуыды рахӕсдзӕн.
Æвдыст дзы цæуынц царды алы къабæзты фарстатæ. Битарты Алыксандры ныхæстæм гæсгæ, ацы спектаклы алы адæймагæн дæр ис йæхи феныны фадат. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ спектаклы, раздæрау, бацархайдтой 13 актеры. Сæйраг ролтæй иу ахъазыд Сæбанты Тамерлан. У Андрей Ефимыч Рагин. Йæ фæлгонц тынг зонгæ у абоны царды. Аивадуарзджытæ спектакль айстой зæрдиагæй.