Баллтӕ райста сырх дарӕсы самбисткæ. Кӕронбӕттӕны хыгъд 8-0. Къадзты Мария фӕуӕлахиз фидарӕй. Спортсменкӕ йӕ хъарутыл дызӕрдыг нӕ кодта. Стæй йæм тох дæр æнцон фæкаст.
Чызг, зæгъæн ис, гауызыл схъомыл. Самбомæ цæуы 8 азы. Уыцы рӕстӕгмæ рамбылдта цалдӕр кубокы. Ӕрӕджы ӕрбаздӕхт Уӕрӕсейы чемпионатӕй. Фӕлӕ спортсменкӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй йæ фидӕны фӕндтӕ бирӕ егъаудӕр сты. Ацы турнир та уал — спорты бæрзæндтæм фæндагыл радон къӕпхӕн. Фӕлӕ æнтыстыты размæ кæддæриддæр вæййы уӕззау тох.
Иу ӕппӕрстӕн йӕ бон у тох фӕуын. 8 баллы фылдæр кæмæ уа, уый та ӕмгъуыдӕй раздӕр уӕлахиз кӕны. Джыккайты Данӕ уый хорз зоны. Самбисткӕ ныртæккæ ӕнхъӕлмӕ кӕсы гауызмӕ рацӕуынмӕ. Фӕлӕ йӕ тыхтыл фидарӕй ӕууӕнды.
5 азмӕ самбойы сахуыр бирӕ цӕуылдӕрты. Фӕлӕ абон ам ис тыхджын ныхмæлæуджытæ. Турниры — 100 адӕймаджы ӕппӕт республикӕ ӕмӕ фӕсарӕнтӕй. Хуссар Ирыстоны командӕ дæр æрцыд тыхтӕ бӕрӕггӕнӕг. Спортсментӕ тох кодтой 10 уӕзы категорийы. Лӕппутӕ — 35-æй 71 килограммы онг. Чызджытӕ — 31-æй 65-мæ.
Уӕлахиздзаутӕн саккаг кодтой кубоктӕ, майдантӕ ӕмӕ грамотӕтӕ. Фӕлӕ сӕйраг хӕрзиуӕг у республикӕйы иугонд командӕйы бынат. Хуыздӕр спортсментӕ ацӕудзысты регионы номӕй Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæм.
















