Ӕрыдоны спортивон скъолайы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны баскетболы залы рацарæзт. Бæстыхай 60-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ цалцӕггонд нæ уыд, уыцы рӕстӕгмæ агъуысты къултæ афаз сты, пъолтæ хæлын райдыдтой. Афӕдзмӕ аразджытӕ сног кодтой коммуникацитæ, рухсгæнæн æмæ хъармгæнæн системæтæ, фæивтой паркет. Раздӕр мидӕгӕй цы агуат уыд, уый та уынгмӕ ахастой — афтӕ тыгъдад бирӕ фӕфылдӕр уыдзӕн. Уӕлхӕдзар ныууагътой раздӕры хуызӕн — 5 азы размӕ бæстыхайы сæр раивтой. Ныр сывӕллӕттӕн фæзындзæн ӕппӕт фадӕттӕ спортӕй архайынӕн, кусæндон байгом кӕнынвӕнд кӕнынц сентябры. Бындурон цалцæг баххæст кодтой паддзахадон программæ “Уӕрӕсейы Спорт”-мӕ гӕсгӕ.
















