Рахизфарсы районы пъæлицæйæгтæ æрымысыдысты лейтенант Джыбылаты Зауыры рухс ном. Уæрæсейы хъæбатыры цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Абон Зауырыл сæххæст уыдаид 37 азы. Мадзалы архайдтой мидхъуыддæгты министрады ветерантæ дæр.
Джыбылаты Зауыр фæмард 2012 азы. Уæд 23 -æм октябры фæндаггон-патрулон службæйы кусæг фæмард Чермены посты, хæдтулгæ бæрæггæнгæйæ. Уыди дзы рæмудзæн æрмæг, æмæ йæ, барадхъахъхъæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыдгæнджытæ хъуамæ срæмыгътаиккой Дзæуджыхъæуы. Офицер Джыбылаты Зауыр 40 кг тротилæй ифтонг хæдтулгæ республикæйы арæны сæрты не ’рбауагъта.