Дзанайты Барис федта Дзæуыджыхъæуы дыууæ егъау спортивон объекты арæзтад. Микрорайон «Ног горæт»-ы аразынц æхгæд футболон манеж стæй физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс бассейнимæ. Куыстытæ цæуынц национ проект «Демографи» æмæ проект «Спорт – норма жизни»-йы фæлгæты.
Дыууæ бæстыхайы дæр уыдзысты 8 мин квадратон метры фæзуатимæ. Хъуамæ фидæны азмæ сцæттæ уой. Манеж уыдзæн æртæуæладзыгон. Футболон фæзы дæргъ уыдзæн 90 метры, йæ уæрх та 45 метры. Уыдзæн дзы 150 бадæн бынаты. Уымæй уæлдай ма — шахматтæй хъазыны клуб, конференцитæ аразæн зал, тренерты, тæрхонгæнджыты æмæ дохтыры уæттæ. Цыппаруæладзыгон физкультурон комплексы трибунæты уыдзæн 600 бынаты. Бассейны та — 8 ленккæнæн фæндаджы. Хъæбыхæсты æмæ стъолыл теннисæй хъазыны залтæ дæр фæрæвдз кæнынц.
Арæзтадон куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ, æппæт хъæугæ гæрзтæй ифтонггонд сты. Дзанайты Барис ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фылдæр æргом здахын хъæуы нæ бæстæйы уагъд товартæм. Республикæ уыцы хъуыддаджы фæстейы нæ зайы.