9-æм мартъийы кæронмæ æрхæццæ Цæгат Ирыстоны чемпионат альпинизмæй æрдзон бынæтты “ихыл бырыны” дисциплинæйæ.
Архайдтой дзы 24 спортсмены. 12 нæлгоймаджы æмæ 12 чызджы чи тагъддæр, афтæ бырыдысты салд æхсæрдзæныл Цъæйы рæтæнвæндаджы дæллаг станцæйы сæрмæ.
Ерыстæ цыдысты ног хуызы. 10 раунды дæргъы архайджытæн сæ рæстæг къаддæрæй-къаддæр кодтой. Мадзаларазджытæ – республикæйы альпинизмы федераци профилон министрады æххуысæй.
















