Æхсызгон æмæ ахсджиаг цау уæлдæр ахуырдоны разамындæн, уæлдайдæр та студенттæн. 2-æм æмдзæрæны ног уавæртимæ базонгæ премьер Дзанайты Барис дæр. Алы уæладзыг дæр хæринаг скæнынæн, кæнæ, зæгъæм, æхсызгонæй æхсæвæр бахæрынæн алцæмæйдæр æххæст у. Бæстыхай да дихгонд у чызджыты æмæ лæппуты хæйттыл. Ам æрмæст фæсарæйнаг студенттæ нæ цæрдзысты.
Фондзуæладзыгон бæстыхай æнусы ‘рдæджы размæ арæзт у. Фæстаг хатт æм базылдысты 2008-æм азы. Фæлæ хъармгæнæнтæ уæддæр æвзæр куыстой, къултыл та хъуына фæзынд. Уæдæ 1-æм æмдзæрæн дæр йæ хуыз скалдта. Агъуыстыты ног дзаума, уазалгæнæнтæ, хæринаг хъарм кæнæн пецтæ Туркменистайнаг магистрант Ровшен Акмаммедов йæ ног уаты уайтагъд æрбынæттон.
Ацы агъуысты та ис куыд аныхæстæ кæнæн, афтæ хибарæй æрулæфæн дæр. Æнæ зындзинадæй ис гæрзтæ ныхсæн æмæ сæ бахус кæнæн. Æрвылбоны цардыуагæн уавæртыл цалцæджы рæстæг хорз ахъуыды кодтой. Йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ йæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, уый дæр ам алцæмæ сарæхсдзæн. Дыууæ æмдзæрæны бындурон цалцæг къухы бафтыд федералон программæйы руаджы.
Куыстытæм фарон сæрды бавнæлдтой æмæ сæ афæдзы кæронмæ сæххæст кодтой. Специалистты-иу æрбахуыдтой æндæр регионтæй дæр.
Æдæппæтæй 355 бынаты, фæлæ уыдон дæр фаг не сты. Уæлдæр ахуыргæнæндоны разамынд фарстайыл кусдзæн. Ноггонд æмдзæрæнты та студенттæн сæ бон абон дæр у æрцæрын.
















