Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтытæ ивд æрцæудзысты. Бындурон цалцæггæнæн фонды кусджытæ лифтты æдасдзинадмæ сæ цæст дардзысты бæрнондæрæй.
Æдæппæтæй республикæйы сцалцæг кæнын хъæуы 166 лифты. Ныртæккæ уал ахæм куыстытæ бындуронæй бакæнын бантыст 36 бирæуæладзыгон хæдзары. Ацы азы кæронмæ ма бæрнон кусджыты хъуыдыйы ис 25 хæдзары 70 лифты сцалцæг кæнын. Цы 96 лифты ма дзы баззайа 38 бирæуæладзыгон хæдзары, уыдоны цалцæгмæ та бындуронæй бавналдзысты фидæны.
















