preloader
сейчас в эфире
00:21
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Æхсыр фаг кæны?

28.11.2018 16:42

9 мæймæ Цæгат Ирыстоны æхсыры кондад 9% фæкъаддæр.

Æхсыры кондад Цæгат Кавказы фараст мæймæ æрхауд 1 процент æмæ `рдæгмæ. Æппæты зæрдæхсаинаг уавæр – Цæгат Ирыстоны, зæгъынц специалисттæ.  Республикæйы уыцы бæрæггæнæн фæкъаддæр 9%. Афтæмæй та Цæгат Ирыстоны æхсыры куыст кæныны къабазы ис стыр авналæнтæ. Уый афтæ у, æви нæ – базондзыстæм нæ дарддæры æрмæгæй.


Куыстуат «АРТ» кусы бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Дыууæ азы дзы уадзынц экологон æгъдауæй сыгъдæг æхсыр. Уымæй ахсынц ирон цыхт. Фосæргæвдæн бынат дæр сæм ис. Стуры дзидзайæ республикæйы дуканитæ ифтонг кæнынц. Куыстуат рæзы, сæхи дукани дæр сæм фæзынд. Стурвос сæм 70 сæры, уыдонæй 30 – дуцгæ. Бонмæ æрдуцынц 420 литры æхсыр. Бакусынц ыл бынаты. Æхсыры бæрц Цæгат Ирыстоны кæй фæкъаддæр уый фермерты ныхæстæм гæсгæ у рæстæгмæ къуылымпыдзинад.

Куыстуат «МОЛПРОДУКТ»-ы æхсыры бæрц кæй фæкъаддæр, уыцы бæрæггæнæнтимæ разы не сты. Зæгъынц, раздæр æхсыр къаддæр дыгътой. Бæрæггæнæнты информаци æндæр кæй у, уый не мбарынц.

Компани «МОЛПРОДУКТ»-ы директор Будайты Тимур: «Раст зæгъгæйæ, фæстаг 3-4 азы статистикæмæ куы ркæсæм уæд æхсыры кондад республикæйы фæфылдæр. Фæлæ уый фаг нæу уæддæр. Ныртæккæ уавæрмæ æркастæн æмæ мæнмæ гæсгæ иннæ æхсыруадзæн куыстыл бафтдзæн».

Æхсыры куыст чи кæны, ахæм фермертæ республикæйы бирæ не`сты.  Амалхъом адæм сæ фылдæр уадзынц æхсырæй конд продукци. Сæ иу у Слонаты Олег. 4 азы ахсы цыхт. Стурвосæй йæм сæдæ сæры ис. Йæхи хъаруйæ фыдæбон кæны. Бирæ æхца ацæуы фосæн хойраг балхæнынæн.Уымæ гæсгæ æххуысæй «нæ», зæгъгæ нæ загъид. Фосæн хизынмæ фæз хъæуы. Уæд чи зоны æмæ æхсыр уæй кæнын дæр райдаид, нырма йын ахæм фадат нæй.

Хъæууон хæдзарады министрады æмбарын кæнынц æхсырæй конд продукци цæмæн фæкъаддæр ис, уый. Зæрдæ æвæрынц тагъд рæстæджы хъуыддаг хуыздæры рдæм кæй раивдзæн.

Специалистты ныхæстæм гæсгæ æхсыры куыст кæнын æнцон нæу. Æхсыр уадзыны куыстуаты йæ фæрæзтæ чи бавæры, уыдоны фæфæнды уайтагъд бирæ æхца бакусын. Æхсыры куыст чи фæнд кæны уыдон хъуамæ æмбарой, сæ куыстæй цæмæй разы уой, уый тыххæй æппын къаддæр хъæуы фыдæбон кæнын фондз азы. Министрады ма фæнысан кодтой, феремертæн баххуыс кæнынæн сæм ис сæрмагонд программæтæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
Все рекомендуемое