Архонкæйы кадджын уавæры байгом сывæллæттæн хъазæн фæз. Сарæзтой йæ сæрмагонд сертификаты фæрæзтæй. Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æй цæрджытæн балæвар кодта хъæуы 180-азы юбилеймæ.
Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты хицауады уæнгтæ, хъæуы фæсивæд, сфвæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæ. Ахæм хъазæн фæз Архокæйы фæзынди фыццаг хатт. Хъæуы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, рагæй æнхъæлмæ кастысты ацы хабармæ. Станицæйы разамынд ма фæнысан кодта, ацы хъазæн фæз фестырдæр кæнын кæй фæнд кæнынц.
















