Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 192 архайæджы коммуналон лæггæдтæ фидынæй суæгъд кæнын. Ахæм хъуыды бахаста нæ республикæйы ветеранты Советы сæрдар Къаболаты Солтан абон Битарты Вячеславимæ æмбырды рæстæг. Сарæзтой йæ æвдæм хатт. Фембæлды архайджытæ дзырдтой советы ивгъуыд азы куысты хатдзæгтыл, стæй фидæнмæ пълæнттыл.
Æмбырды ма республикæйы сæргълæууæгæй уæлдай архайдтой республикæйы бæрнон кусæндæтты разамонджытæ дæр. Æмдыхæй хъуамæ кусой ветерантæн социалон æгъдауæй æххуыс кæныныл. Уæдæ раздæрау стыр æргом здахдзысты фæсивæды патриотон хъомыладмæ дæр.
















