Сылгоймæгты æппæтадæмон бæрæгбон æрхæццæ кæны. Дидинджытæ цы дуканиты уæй кæнынц, уыдоны уæлдай змæлд вæййы. Раст мæлдзгуыты губаккау. Фæлæ 8-æм мартъийы агъоммæ дидинджыты æргътæ хæрдмæ ныццæвынц. Йæхион ничи ауаддзæн, уый бæлвырд у, фæлæ адæмы дзыпп дæр зынгæ тагъддæр раафтид вæййы. Уæлдай уаргъ æрæнцайы нæлгоймæгтыл. Фæлæ цы нæ бакæндзынæ дæ уарзон адæймаджы тыххæй. Бæрæгбоны агъоммæ нæ уацхæсджытæ дæр азылдысты дидинæгдæттыл, æмæ ма сæм бакæсæм.
Бирæтæн сæ бæрæгбон ам райдайы – Джызæлы уардиты хæдзарады. Иунæг йеддæмæ нæу æгас Цæгат Кавказы. Бонмæ дзы сæ хуыз скалынц мингай дидинджытæ. Сланты Ритæ ацы ран æхсæзæм аз кусы. Йæ зайæгойты тыххæй алцыдæр зоны, алкæцымæ дæр дзы зилы æнувыдæй.
Адæм ацы хæдзарад бынæттон Голланди раджы рахуыдтой. Уардиты мыггæгтæ уырдыгæй æрбаластой 6 азы размæ. æдæппæтæй уыдысты 22 хуызы. Шангрил Ла, престиж, Ред Наоми, Джумилия æмæ `ндæртæ. Хæдзарады кусджытæн дзы иуæй-иутæ сты æппæты уарзондæртæ. Республикæйы цы дидинджытæ уæй кæнынц, уыдонæн се `рдæг ам æрзайы. 8-æм мартъийы хæдразмæ уардидоны фæллойгæнджытæ бынтон æддæг-мидæг ауайынц. Кæд сæ аргъ зынгæ фæбæрзонддæр вæййы, уæддæр сыл æлхæнджытæ сæхи марынц. Хæдзарады уый зонынц, фæлæ сæ дидинджыты аргъыл уыйас бирæ нæ бафтауынц.
Хæдзарады генералон директоры хæдивæг Тыбылты Валерий: «Нæ дидинджыты аргъыл бафтауæм æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй нын сæ сæудæджергæнджытæ ма `лхæной æмæ сæ туджы арргъæй ма уæй кæной. Фæлæ йæ фидарæй зонын уæддæр, мах дидинджыты аргъ иннæтимæ абаргæйæ уæддæр зынгæ къаддæр кæй у».
Цæмæй йæ зонат, уый тыххæй йæ зæгъдзыстæм. Бынæттон тюльпанты аргъ у 60 сомы иу дидинæгæн, уарди – 100 сомæй чысыл фылдæр. Бæрæгбоны рæстæг адæм се `ргом здахынц фæсарæйнаг дидинджытæм дæр. Тæккæ уарзондæр адæмæн сты Голландийæ ласт уардитæ. Иннæтимæ абаргæйæ, дзæвгар зынаргъдæр сты. Хуымæтæджы нæ.
Дидинджытæ уæйгæнæг Екатерина Каримова: «Чи нæм сæ ласы, уый сын сæ аргъыл хуызæн бафтауы. Суанг дыууæ хатты. Бæргæ нæ фæнды, цæмæй нæ уардитæ 200 сомæй фылдæр ма уой, фæлæ нын ахæм фадат нæй. Æмбарæм æй, адæмæн дæр сæ дзыппытæ фырдзагæй нæ тонынц. Уымæ гæсгæ нæ, æнæуый дæр аслам цы дидинджытæ не сты, уыдоны аргъыл ма нæ бафтауын бахъæуы дæсгай сомтæ».
Йæ зæрдиаг адæймаджы цард чи цавæр дидинæгæй барæсугъд кæндзæн, уый алкæмæн йæхи бар у. Чи ма басæтдзæн стыр аргъæн дæр, уæлдайдæр бæрæгбоны рæстæг.
















