Нæ республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ ног ахуыры азы размæ сбæрæг кæндзысты 200 скъолайы. Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрад сарæзта ведомствæты ’хсæн къамис.
Къамисы уæнгтæ сты Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты сæйраг управленийы специалисттæ. 17 августы онг фæнд кæнынц 198 иумæйаг ахуырадон объектмæ æркæсын. Се ’ргом аздахдзысты, зынгсирвæзты ныхмæ цы домæнтæ ис, уыдон куыд æххæстгонд æрцыдысты, уымæ.
Сæрмагонд домæнты ’хсæн иу у, цæмæй бахъуаджы рæстæг, адæмы бæстыхайæ ракæнынæн цы дзæнгæраг сцæгъды, уый æнæкъуылымпыйæ куса. Сбæрæг ма кæндзысты электрон тыхы телтæ æмæ электрон куысæнгæрзты куыст. Афтæмæй алы скъола дæр хъуамæ дзуапп дæтта, фыццаджыдæр, закъоны домæнтæн.
















