Дысон Дзæуджыхъæуы Магкæты Зурабы номыл уынджы ссыгъд трансформаторон дæлстанцæ. Æнæнхъæлæджы уавæры аххосæй æнæ рухсæй баззадысты Пушкины номыл уынгæй Хольцманы районы онг цæрджытæ. Бынатмæ уайтагъд æрбамбæлдысты æвæстиат службæтæ. Уæдмæ зынг апарахат 400 квадратон метры фæзуатыл.
Ирвæзынгæнджытæ арт аххуысын кодтой райсомы 6 сахатыл. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты разамынды пресс-службæ. Куыд ма фехъусын кодтой, афтæмæй дзы хъыгдард ничи баййæфта. Ныртæккæ сæрмагонд куыстуæтты специалисттæ архайынц электрон тых хæдзæрттæм радтыныл.
















