Горæты цæрджытæ хъаст кæнынц, Пожарскийы номыл уынджы цы хид ис, ууыл ног арæзт асфальт кæй афазтæ ис, уымæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм хид нырма хæрз æрæджы сцалцæг кодтой. 3 къуырийы размæ дзы фесты пъланмæ гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæ. Хиды уæлцъар ногæй баивтой.
Дзæуджыхъæуы администрадцийы куыд зæгъынц, афтæмæй скъуыдтæ фæзындысты хид цы æфсæйнæгтыл лæууы уыдон асфальты бын кæй фæкодтой, уый аххосæй. Фæлæ афтæ куы нæ бакодтаиккой, уæд хидыл фæзындаид арф дзыхъхъытæ. Ныртæккæ æфсæйнæгтæ хъæуы баивын. Администрадцийы куыд зæгъынц, афтæмæй ныридæгæн куысытæм бавнæлдтой.
















