preloader
сейчас в эфире
09:26
УТРО ПЕРВЫХ. ТАЙМУРАЗ ТУСКАЕВ 12+
Смотрите Далее
10:00
НОВОСТИ 12+
10:15
КАСАЕВ. ДИАЛОГИ 12+
11:10
ТАЙНЫ АНАТОМИИ. НЕРВНАЯ СИСТЕМА 12+
11:40
ПО ФАКТУ 12+
12:10
ФÆЗМИНАГ КÆСТÆРТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
УТРО ПЕРВЫХ. ТАЙМУРАЗ ТУСКАЕВ 12+
close

Аивадыл æнувыд

26.11.2018 16:21

Хæххон-металлургон институты зарæггæнджыты къорд Федералон агентады грант рамбылдта.

Æртæ азы размæ Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты сарæзтой зарæггæнджыты къорд. Йæ архайджытæ сты хæдахуыр. Бирæ конкурсты сæхи æнтыстджынæй равдыстой. Уымæй уæлдай ма сæм ис социалон проект. Йæ рацарæзтæн рамбылдтой грант. Се `нтыстæн æвдисæн уыдысты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр.


Вокалон къорды разамонæг лæмбынæгæй алкæмæндæр амоны. Къорды архайджытæй бирæтæм музыкалон ахуырад уæвгæ дæр нæй. Разамонæджы амынддзинæдтæм алчидæр къæрцхъусæй йæ цæст дары. Ацы фæсивæдæн алы репетици дæр бæрæгбоны хуызæн вæййы. Тынг æм фæбæллынц. Æмæ кæд ацы къордмæ алчи алы хуызы фæндæгтыл цыд, уæддæр сæ иумæйаг хъуыддагыл иузæрдион сты.

Хæххон-металлургон институты зарæггæнджытæ фыццаг хатт æрбамбырд сты 3 азы размæ. Хæдахуыр артистты къорд саразыны хъуыды разынд Кудзиаты Иринæмæ. Уæд ма студенткæ уыд. Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, фыццаг рæстæг бирæ нæ уыдысты. Фæлæ куыдфæстæмæ, афтæ сæ архайджыты нымæц дæр фылдæр кодта. Ныртæккæ сфæлдыстадон къорды архайынц æппæт факультетты минæвæрттæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй иумæ кусгæйæ иу бинонты хуызæн баисты.

Фæсивæд сæхи æнтыстджынæй æвдисынц регионалон конкурсты. Арæх сæ хонынц алыхуызон концерттæм. Хæрзæрæджы фæсивæды хъуыддæгты Федералон агентады грант рамбылдтой. Уыцы `хца бахардз кæндзысты сæ социалон проект «Музыка прошлого в звуках настоящего», зæгъгæ, ууыл. Фидæнмæ сæм бирæ нысæнттæ ис. Фæнды сæ ирон фольклоры хæзнатæ бахъахъхъæныныл архайын. Нæ фыдæлтæ нын цы культурон хæзнатæ ныууагътой, уыдон фидæны фæлтæртæм фæхæццæ кæнын.

«Мæнмæ гæсгæ, ацы хъуыддаг нæ республикæйæн ахсджиаг у. Фæнды нæ ирон музыкæйы удварныл кусын. Хуымæтæджы не сфæнд кодтон фæсивæдон къорд саразын. Фæнды нæ, цæмæй нæ зарджытæм хъусгæйæ, фæсивæд разæнгард кæной. Цæмæй раст фæндагыл слæууой», — хæххон-металлургон институты зарæггæнджыты къорды разамонæг Куыдзиаты Иринæ.

Фæсивæдон къорды разамонæг, Куыдзиаты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, фидæнмæ сæ размæ бирæ хæстæ æвæрынц. Ног бæрзæндтæ æмæ ног уæлахизтæм тырнынц.

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Все рекомендуемое