Ам фарсдарты хъæр нæ фехъусдзынæ, иу æнæрхъуыды фезмæлдæн та йæ бон у уæлахизыл тохы хатдзæгтыл сахадын. “Сæйрагдæр, адреналиныл фæтых уæвын хъæуы. Винтовкæ дæр цыма дæ буары хай у, афтæ йын йæ кæсæны алы миллиметр дæр хъуамæ æнкъарай”, — зæгъы, нысан чи фергъæвта, уыцы лæппу Сослан. Ахуырты æртæ азмæ йын йæхи сусæгдзинæдтæ фæзынд.
Алагиры районы скъоладзауты ‘хсæн турнир расидтысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны æмæ Сæрмагонд операцийы Хъайтарты кадæн. Ерыстæ æрбамбырд кодтой 8 командæйы. Фæсивæд æхсынц пневматикон винтовкæтæй 10 метры дистанцийыл лæугæйæ.
Нæмыджы диаметр у цыппар æмæ æрдæг миллиметры. Æртæ фæлварæн æхсты фæстæ фондз — нымадимæ. Æппæтæй фылдæр бæрæггæнæн, 42 баллы, равдыста 5-æм скъолайы ахуыргæнинаг Кучиты Гиуæрги. Уæлахиздзау куыд зæгъы, афтæмæй равзары зæрдæйы цæфты ‘хсæн рæстæг. Æргъæвæныл уæд хъæуы æрхæцын.
Ахæм дæрддзæгæй мил судзины быны хуызæн у. Æмæ сывæллæтты рæстдзæвин уæвын чи ахуыр кæны, уыдон дæр сæ тыхтæ бафæлвæрдтой.
Æхстытæй 10-æм ерысты аразджытæ — парти “Иугонд Уæрæсе” æфсæддон-патриотон хъомылады ахуырадон-методикон центр “Авангард”-ы æххуысæй.
Командон хыгъды фæуæлахиз 2-æм скъола 118 баллимæ. Иу балл сын фæхæрд 5-æм. Æртыккаг бынат райста Алагиры интернат. Турнир та ногӕй равдыста, æхсгæйæ, уӕлдай хиуылхӕцгӕ кæй хъуамæ уай, уый та фӕсивӕды рӕзтӕн ахсджиаг здӕхт у.
















