Алагиры районы фæзындзæн хъæууон-хæдзарадон кооператив. Уый тыххæй фехъусын кодта инвестицион проект «Алания продукт»-ы разамонæг Цæгæраты Руслан. Проекты фæлгæты æмгуыст кæндзысты цалдæр фермерон хæдзарады Зынцъар, Нузал, Архон æмæ æндæр хæххон хъæуты. Уналы та ныртæккæ аразынц æхсыры куыст кæныны куыстуат. Йæ алфамблай фæзындзæн цалдæр фермæйы. Куыстуаты араздзысты ирон цыхт. Русланы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсейы дæр цух сты хæрзхъæд цыхтæй. Ныртæккæ уал цæуынц арæзтадон куыстытæ. Бæстыхайæн самадтой йæ бындур. Ацы азы кæронмæ хъуамæ куыстытæ кæронмæ ахæццæ уой. Кооперативæн йæ сæйраг хæс у – районы фермерон хæдзарæдты рæзтæн баххуыс кæнын. Алагиры район сæ проектыл бакусынæн уымæн равзæрстой æмæ дзы æппæты фылдæр разынд кооперативмæ бацæуын кæй бафæндыд, ахæмтæ. Проекты руаджы фæзындзæн 30 кусæн бынаты. Дарддæр, сæ нымæц хъуамæ фæфылдæр уа. Проекты аразджытæ сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц сыгъдæг æмæ хæрзхъæд продукци уадзын.
Куыстуаты суткæмæ кусдзысты 5 тонны æхсыримæ. Ныридæгæн æвзарынц фермæтæн стурвосы мыггаг. Проект æнтыстджынæй баххæст кæнын къухы куы бафта, уæд фидæны фæнд кæнынц хъæууон- хæдзарадон кооперативтæ саразын нæ республикæйы иннæ кæмтты дæр. Проектыл бакусыны фадат фæзынд нæ республикæйы хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министрады гранты руаджы. Йæ бæрц у 12 милуан сомы. 8 милуан сомы та хи фæрæзтæ.
















