Уæрæсейы скъоладзауты æхсæнадон змæлдыл абон сæххæст 4 азы. Уый фæдыл нæ республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны сарæзтой цымыдисаг мадзæл. Æрбахуыдтой бирæ адæм, уыдоны ‘хсæн нæ республикæйы хицауады минæвæрттæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ æмæ Дзæуджыхъæу æхсæнадон уагдæтты уæнгтæ.
Цæгат Ирытоны сывæллæтты галуаны фæзуаты къах авæрæн нал уыд. Æрæмбырд дзы сты бирæ адæм. Сæ фылдæр – ахуырдзаутæ. Уыдон абон сæ хæсыл банымадтой ардæм æрбацæуын. Уæрæсейы скъоладзауты змæлдыл æххæст кæны 4 азы. Ацы бæрæгбоны бацархайдтой змæлды архайджытæ, нæ республикæйы скъоладзаутæ æмæ хицауады минæвæрттæ.
Уæрæсейы скъоладзауты змæлды сæйраг куыст арæзт у ахуырдзауты патриотон æмæ хъомыладон райрæзтыл. Йæ разамынд архайы, цæмæй сывæллæттæн сæ бон уа æхсæнадон организациты æмрæнхъ зынгæ бынат ахсын. Организаци йæ тыхы бацыд Уæрæсейы Федерацийы бардзырдмæ гæсгæ. Уæд 2015 азы 29 октябры райдыдта кусын ацы змæлд. Скъоладзауты змæлды разамонæг нæ республикæйы Мæргъиты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, ныры онг организаци сарæзта бирæ цымыдисаг мадзæлттæ.
Мæргъиты Жаннæ, Уæрæсейы скъоладзауты змæлды регионалон хайады разамонæг: «Уæрæсейы скъоладзауты змæлдмæ абон бафтыдысты 280 адæймаджы. Æмткæй банымайгæйæ, ныртæккæ стæм 12400 адæймаджы. Иууылдæр иумæ стæм стыр къорд».
Ныртæккæ ацы змæлд архайы патриотон, экологон æмæ æндæр къабæзты райрæзтыл. Уыимæ ма стыр куыст цæуы ветерантæ æмæ æххуысцух адæмимæ дæр. Кæд ныртæккæ Уæрæсейы пионерты организаци нал кусы, уæддæр бацархайдтой, цæмæй æхсæнадон змæлд раздæры æгъдæуттæ рапарахат кæна. Уый та зыны сывæллæтты фæлтæрддзинадыл.
Æхсæнадон куысты фаццаг къахдзæфтæ акæндзысты нæ республикæйы 2-æм кълæсты ахуырдзаутæ дæр. Уыдон ардæм æрбацыдысты, цæмæй се ‘мгæртты хуызæн скъоладзауты змæлды æмрæнхъ слæууой, уый тыххæй. Уыдонимæ ма ардæм æрбацыдысты сæ ныййарджытæ дæр. Куыд нын радзырдтой, афтæмæй сын тынг æхсызгон у, сæ сывæллæттæ ацы змæлды кæй архайдзысты, уый.
Ольга Жданова, ныййарæг: «Æз мæхæдæг уыдтæн пионер. Уæдæ ма комсомолкæ дæр. Ныр уыцы организацитæ нал сты, æмæ мын тынг хъыг у, уыцы хъуыддаг. Фæлæ хабар хорзы ‘рдæм аивта, ныртæккæ нæм иc скъоладзауты змæлд. Уый ахсджиаг хъуыддаг у. Хъуамæ сывæллæттæ хорз хъуыдыйыл хæст уой. Мæнмæ гæсгæ, ахæм æхсæнадон организацитæ хъæугæ сты».
Мадзал аразджытæ ма уазджытæн бацæттæ кодтой концертон программæ. Уым кадджын уавæры схорзæхджын кодтой, æнæхъæн аз зæрдиагæй чи фæкуыста, уыцы скъоладзауты. Лæвæрд сын æрцыдысты кады гæххæтытæ æмæ путевкæтæ.
Къутæрты Аидæ
















