Ансамбль “Нарты” бæрæг кæны йæ равзæрды 10 азы. Уыцы рæстæгмæ коллективон стыр аргъ скодтой.
Ныртæккæ йын ис 4 филиалы, фæйнæ 50 адæймагимæ, алы кары къордтимæ. Хæрз æрæджы группæ сыздæхт гастрольтæй Туркæй æмæ ныридæгæн цæттæ кæнынц радон концертмæ.
Фæнысан кæнын хъæуы, уый æмæ ансамбль у æппæтадæмон конкурсты æмæ фестивальты уæлахиздзау, æрæджы ма Ризæйы райстой Гран-при дæр.
















