Арæнхъахъхъæнджытæ бæрæг кæнынц сæ професионалон бæрæгбон. 101 азы сæ бæрны ис адæмы æдасдзинад. Арæнтыл чи лæууы, уыдон исынц арфæйы ныхæстæ. Буроны арæнхъахъхъæнджытæ сæ бæрæгбон сбæрæг кодтой кадджын хуызы. Кусджытæн арфæ ракодтой ацы къабазы ветерантæ, Алагиры 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ, æфсæддон-патриотон клуб «Ас-аланы»-йы хъомылгæнинæгтæ. Уæрæсейы паддзахадон арæнтæ 600 мин километрæй фылдæр сты. Се `ппæтмæ дæр ис фидар цæстæнгас.
Цæгат Ирыстоны Хæрисджыны хъæуæй гыццыл рæбындæр цæуы ис арæнты ран. Хæстæгдæр паддзахадмæ ардыгæй ис 30 километры. Ацы пост хъахъхъæнынц æрвылбон. Арæнхъахъхъæнджытæ кæрæдзийы баивынц. Сæ иу у Гаглойты Аслан. Ацы куысты фыццаг аз нæй. Йæ сусæгдзинæдтæ йын хорз зоны.
Арæнхъахъхъæнæг суæвын æй фæндыд сабийæ нырмæ. Уымæ гæсгæ, æфсæды фæстæ араст ис паддзахадон арæнтæ хъахъхъæнынмæ. 18 азы æмгъуыдмæ куыста куыд Уæллаг Ларсы, афтæ Зæрæмæджы дæр. Ныридæгæн арæнтæм кæсы Куыртатты комы рдыгæй. Куыд зæгъы афтæмæй ацы ран республикæйы æппæты æдасдæр у. Ам æппæты зындæр у адæмимæ кусын.
















