Æртæ боны дзурдзысты æмгуыстады хъуыддæгтыл, уымæй уæлдай ма 5 мæйы куыстæн скæндзысты хатдзæгтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз мартъийы æфсæддон пъæлицæ кæй рацарæзтой. Къабазы кусджытæн бар радтой административон закъонхæлдыдты хъуыддæгтæм кæсынæн, æфсады службæгæнджытыл суагъæтæ фыссынæн æмæ æндæр хæстæ. Æмбырд саразынæн бынат хуымæтæджы нæ равзæрстой.
Цæгат Ирыстоны ахæм хуызы ахуырадон центр Уæрæсейы иунæг у. Æфсæддон пъæлицæйы сæйраг управленийы разамонæг Владимир ИванОвскийы ныхæстæм гæсгæ, ацы базæйы æфсæддон пъæлицæйы кусджыты `хсæн фæнд кæнынц егъау чемпионаттæ аразын.
















