Уæларвон поезд федтой ивгъуыд фæлладуадзæн бонты Зæххы къорийы цæрджытæ. Адæмы цæст æрхæцыд, Илон Маскы космосон тыгъдадмæ цы зæххы æмдзугæнджытæ суагъта, уыдоныл. Сæрæн чи разынд æмæ сæ видеомæ чи систа, уыдон се `рмæджытæ уайтагъд Интернетмæ баппæрстой. Уый руаджы уын сæ æвдисæм мах дæр. Цæвиттон, спутниктæ зындысты дунейы алы рæтты, фæлæ сæ бирæтæ хъуыды дæр не `ркодтой. Уæрæсейы тæккæ цымыдисагдæр разындысты Урал æмæ ма цалдæр хæстæг регионы цæрджытæ.
Кадртыл бæрæг у, спутниктæ кæрæдзийы фæдыл куыд ныххал сты, уый. Иуæй-иутæ дзы цыма фæстейы аззадысты, афтæ каст адæймагмæ. Фæлæ хъуыддаг бæлвырддæр чи зоны, уыцы иртасджытæн сæ дзуапп цæттæ у. Чи афæстиат, уыцы объекттæ, дам, иннæтимæ абаргæйæ зынгæ бæрзонддæр сты. Фæнысан ма кодтой, зæгъгæ, дам, иннæтæ дæр æххæстæй сæ бынæттæ куы ссарой, уæд стъалытæй хъауджыдæр нал уыдзысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд сæ фенын дæр дзæвгар зындæр уыдзæн.
Уæллæй, ацы кадртæ чи систа, уыдонæн сæ бон сæхицæй æппæлын у раст. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ дзыллон информацион фæрæзты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, америкаг инженер Илон Маск уæлæрвтæм суагъта 60 спутничы. Сæ фæрцы Зæххы къорийыл хъуамæ Интернет æххæстæй апарахат уа. Уæвгæ бауыдзысты цалдæр мины. Сæ алкæйы уæз дæр хæццæ кæны 200 килограммæй чысыл фылдæрмæ. Цалдæр къуырийы фæстæ хъуамæ сæ нысангонд бынæттæ бацахсой. Уый ис 550 километры бæрзæндыл.
















