Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны цур бафснайын. Бæрнон кусджытæ халамæрзæнтæ, уисæйттæ, ахорæнтимæ бавнæлдтой рынчындоны алфамблай срæсугъд кæнынмæ. Ныккарстой хæмпæлгæрдæг, чъырæй сцагътой бæлæстæ. Ахæм зиутæ куыд ахсджиаг сты, уый тыххæй æрвылбон дзуры республикæйы сæргълæууæг дæр. О, хæдæгай, йæхæдæг дæр абон æфснайынмæ рацыд. Сыгъдæгдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдоны тыххæй æрмæг бацæттæ кодта не сфæлдыстадон къорд.
Иууылдæр кæмæ рацыдысты, раст ахæм рауад Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны цур æфснайæн зиу. Адæм, куыд æмбæлы, уымæй уыдысты ифтонггонд: халамæрзæнтæ, уисæйттæ, ахорæнтæ æмæ афтæ дарддæр. Куыст – фагæй фылдæр. Фыццаджыдæр уал базылдысты цъæх фæлысты фæзтæм. Адæймаджы сæрты дзы чи акаст, уыцы зайæгойтæ ныккарстой. Дæргъвæтин къæвдаты рæстæг сбирæ сты. Сахуырстой ма бырутæ фæндæгты былтыл, чъырæй сцагътой бæлæсты зæнгтæ. Зиуы архайынмæ рацыдысты республикæйы хицауады уæнгтæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы, паддзахадон кусæндæтты минæвæрттæ æмæ бархионтæ. Афтæ – республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Иу хатт ма фæсидт адæммæ, цæмæй сыгъдæгдзинадæн аргъ кæной.
Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, бæрнон кусæндæтты разамонджытæ зиумæ кæй рацæуынц, уым диссагæй ницы ис. Алфамблæйттæ ссыгъдæг кæнынæн бирæ нæ хъæуы: нæдæр æхца, нæдæр рæстæг. Дзæуджыхъæу цас сыгъдæгдæр уа, уыйас æм туристтæ дæр фылдæр цæудзысты.
Бархионтæ лæгæй-лæгмæ республикæйы сæргълæууæгимæ кæй сæмбæлдысты, уый сын æхсызгон уыдис. Кæрæдзиимæ ма сæ къамтæ дæр систой, ракодтой лæвæрттæ. Загътой, ахæм зиутæ иудзинады нысан кæй сты. Æдæппæтæй æфснайынмæ чи рацыд, уыцы бархионтæ уыдысты æртынæй фылдæр. Уыдонимæ – Плиты Эллинæ дæр. Цыппæрæм хатт архайы ахæм зиуы. Йæ зæрдæмæ фæцыд, горæты сыгъдæгдзинадмæ йе `вæрæн кæй хæссы, уый.
Рынчындонæн йæхи кусджытæ дæр фыццаг хатт нæ архайынц ахæм зиуы. Йæ хæстæй дзы уæгъд чи уыд, уыдон иууылдæр рацыдысты. Фæндзай адæймагæй фылдæр. Хайæдты разамонджытæ дæр – семæ.
Афтæ бирæ адæм уыдис стадион «Спартачы» дæр. Ам дæр зиу сарæзтой. Цалынмæ нæ футболон командæ «Алани»-йы спортсментæ тренировкæ кодтой, уæдмæ уал сæ президент Гæбулты Владимир æмæ иннæ бæрнон кусджытæ зилынц трибунæты аивдзинадмæ. Командæй разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй стадион бынтон заууатмæ `рцыд. Адæм æм 5 азæй фылдæр нал цыдысты. Алырдыгæй – хъуына æмæ хуыртæ. 2 боны дзы куыст уромгæ дæр нæ кæны.
Владимир Гæбулты: «Командæ «Легион»-имæ куы фнмбæлдыстæм, уæд æй федтам, цас адæм нæм æрбацыд, уый. Бамбæрстам æй, Скæсæйнаг трибунæ дæр цалцæг кæнын кæй хъæуы. Адæм нæм бирæ кæй уыд, уый тыххæй йæ байгом кодтам. Бацæттæ кæнын та нын æй нæ бантыст, хъыгагæн. Хъуыддагмæ куы `ркастыстæм, уæд æй абоны зиу пъланмæ бахастам. Фæкастысты ма нæм, футболыл иузæрдион чи у, уыдонæй бирæтæ дæр. Стыр бузныг сын».
Зиугæнæг Хозиев Марат: «Тынг æхсызгонæй æрбацыдтæн ардæм. Иузæрдион дæн футболыл, тынг мæ фæнды сæ хорздзинад. Куыд хъуамæ баззадаин иуварсæй кæсгæ ахæм хъуыддагмæ. Хъæзтытæм куы цæуай, командæйы хъысмæтыл дæ зæрдæ куы рисса, уæд хъуамæ ацы ран дæ дыккаг хæдзарыл нымайай. Ахæм зиутæ дæр тынг хъæуынц. Командæйы уæнгты иу кæнынц адæмимæ. Уый тынг æхсызгон у».
Зиутæ араздзысты дарддæр дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, алы мæйы фæстаг сабаты дæр кæй фæцæуынц. Цалынмæ нæ фæуазал уа, уæдмæ.
Джиголаты Каринæ
















