Беслæны сцалцæг кæндзысты къæвда æмæ дондзæуæн хæтæлтæ. Цалцæггæнæн куыстытæ сæххæст кæндзысты дыууæ азмæ, горæты райрæзты генералон пъланмæ гæсгæ. Ахæм фадат фæзынд, федералон бюджетæй уæлæмхасæн æхцайы фæрæзтæ кæй рахай кодтой, уый руаджы.
Фарстайыл æрдзырдтой министрты кабинеты. Æмбырды сæрдариуæг кодта республикæйы хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз. Фыццаджыдæр, расидтис уæлæмхасæн æхцайы фæрæзтæй раст спайда кæнынмæ. Æрдзырдтой спорты къабазыл дæр. Бæлвырддæр та — федералон проект «Спорт – норма жизни» æмæ национ проект «Демографи»-йыл. Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй уæгъдибар хъæбысхæст, футбол, уæззау атлетикæ æмæ фехтованийæ уæлдай, хъæуы бакусын, зæгъæм, волейбол æмæ баскетболы райрæзтыл дæр.
Æмбырды ма æрдзырдтой республикæйы национ æмæ паддзахадон проекттæ цардмæ рауадзыныл. Уыимæ ма, инфраструктурæйы объектты арæзтад æмæ цалцæджы фарстатыл. Бирæ объектты нæ фаг кæны кусджытæ. Уый тыххæй тæссаг у, афойнадыл арæзт кæй не ‘рцæудзысты. Тускъаты Таймураз вице-премьерты хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнджытæ Тугъанты Ларисæ æмæ Фадзайты Æхсарбегæн бабар кодта профессионалон техникумты хистæр курсты студентты арæзтадон объектты кусынмæ сразæнгард кæнын.
















