Битарты Вячеслав ма абон фембæлд Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботаревимæ. Ныхас кодтой нæ республикæйы социалон-экономикон райрæзты программæйыл.
Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ Куырттаты комы фысымуаты арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Уыдзæн дзы 50 хуыссæн уаты. Æрæфы районы та хор æфснайын æмæ дарынæн сæрмагонд станцæйы рацарæзт фæвæййы. Программæйы фæлгæты Алагиры районы фæзындзæн дыргъдон. Фæткъуы бæлæстæ апарахат уыдзысты 135 гектарыл.
Уымæй уæлдай ма дзырдтой проект “Мамисон”-ыл ногæй бакусыны мадзæлттыл. Сæрмагонд экономикон æгъдауæй йæ ногæй сфидар кæндзысты. Ныртæккæ проектæн æппæт хъæугæ гæххæттытæ æмбырд кæнынц.
















