Нæ программæ райдайдзыстæм фæстаг сахæтты хъусынгæнинагæй. Фæндæгтæ бырынцъаг кæй систы, уый аххосæй Дзæуджыхъæуы æрцыд фæндаггон фыдбылыз. Ныртæккæ цы кадртæ фендзыстут, уыдон апарахат сты социалон хызты.
Чкаловы номыл уынджы цы хид ис, уым кæрæдзийы скъуырдтой 10 хæдтулгæйы.
Фæнддаггон фыдбылызы адæмæй исчи хъыгдард баййæфта, æви нæ, уый бæлвырд нæу.
















