preloader
сейчас в эфире
22:38
ЖИЗНЬ, СТАВШАЯ ЛЕГЕНДОЙ 12+
Смотрите Далее
00:00
НОВОСТИ ( ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЖИЗНЬ, СТАВШАЯ ЛЕГЕНДОЙ 12+
close

Дыууæ ‘фсымæры фæд…

22.06.2018 22:37

Волгограды зæххæй нартыхъæумæ сластой Мамаев курганæй мæр.

Ацы темæмæимæ баст у нæ дарддæры `рмæг дæр. Абон Нартыхъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны номыл хъæуы мемориалы уыд кадджын мадзал. Волгоградæй, Дулаты æфсымæрты ингæнтæй, сластой дыууæ капсулæйы. Кадджын уавæры сæ бавæрдтой хъæуы Мемориалы.

Æвзонг бархионты къухты дыууæ нæмыджы, сæ мидæг – Волгоградæй ласт мæр. Ацы зæхх у, æхсар æмæ лæгдзинад кæм ахъардтой, ахæм. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг баудæст советон салдæтты тугæй. Нартыхъæуккаг, Дулаты дыууæ æфсымæры туг дæр уым ныккалд.

Капсулæты цы зæхх æрбаластой, уый сбаста Ирыстон æмæ Волгоград. Дыууæ `фсымæры, сæ карыл æртыгай, цыппæргай азтæ бафтаугæйæ, араст сты фронтмæ. Фæлæ сын «ацу `мæ ма `рцуйы» фæндаг рауад. Кæм ныгæд сты, уый сæ бинонтæ зонгæ дæр нæ кодтой. Сæ кæстæр хо Меретхан æмæ йæ чызг Залинæ сæ абоны `мгъуыдмæ агуырдтой. Залинæ дунетыл æрзылд йæ мадыфсымæрты фæд-фæд, фæлæ никуы æмæ ницы. Фæлæ Хуыцауы цы нæ бафæнда æмæ цы нæ сараздзæн.

Астемыр æмæ Дзантемыр уыдысты Сталинграды тугкалæнты. Цæгат Ирыстонæй с` адзал цы 5000 мин салдаты ссардтой, уыдоны `хсæн. Хæсты арйдианы ма-иу Меретханыл йе `фсымæрты фыстæджыты Хуыцауы хорзæхау сæмбæлдысты. 1943-æм азы сæ райста фæстаг рæнхъытæ. Дарддæр – зыбыты æбæрæгдзинад. Фыстæджытæй фыдыуæзæгмæ чи фæхæццæ, уыдонæн дæр сæ кой нал ис.

Дулаты æфсымæрты ном ссарынмæ абон Нартыхъæумæ æрцыдысты республикæйы ветеранты советы минæвæрттæ, театралон архайджыты цæдис, уæрæсейы ахуырдзауты змæлд. Уымæй уæлдай мадзал æрбамбырд кодта Дулаты мыггаджы æмæ бынæттон цæрджыты.

Ныртæккæ Меретханыл цæуы 90 азы, ис ын 5 сывæллоны, уыдоны кæстæртæ сты 12, уæдæ хæдзары дарддæры фæлтæр та фæхъæздыг 10 сабийæ. Зæронд ус йæ абоны цардæй разы у. Фæлæ йæ дыууæ `фсымæры йæ зæрдыл куы `рбалæууынц, уæд йæ цæстытæ доны разилынц. Хъуыды сæ кæны æрыгон æмæ хæрзуындæй, бæллы, се `нусон бынат кæм ссардтой, уыцы ран бабæрæг кæнынмæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
03.10.2026 I Саутæ, буртæ мыдхуызтæ
3.10.2026
Их выбрало небо I Гвардия
3.10.2026
Давид Мусульбес I По большому счету
2.10.2026
Полилингвалон ахуырад, Хъахъхъæдуры куывд æмæ киноактер Бæззаты Скиф | Йæ рæстæгыл
2.10.2026
02.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
2.10.2026
Мобильные социальные службы, открытие модельных библиотек во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
1.10.2026
01.10.2026 | Ирон чат
1.10.2026
Ацæргæ адæймаджы æмæ музыкæйы дунеон бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
1.10.2026
Самвел Гаспарянц | Дело мастера
30.09.2026
Коста Хетагуров на испанском: мост между Осетией и Латинской Америкой | Национальные интересы
30.09.2026
Доброе утро, Осетия! I День перевода
30.09.2026
Куссу I Вокзал для двоих
29.09.2026
Зелимхан Тохтиев I Профессиональный путь
29.09.2026
Къæмынты чиныгдон æмæ Нæртон куывд Горæтгæрон районы | Йæ рæстæгыл
29.09.2026
Ультрафиолетовое излучение I Разбор полетов
29.09.2026
Все рекомендуемое