Æвзонг футболистты нæмттæ, гæнæн ис, æмæ цалдæр азы фæстæ иууылдæр базонæм. Дзæуджыхъæуы райдыдтой горæты администрацийы кубок рамбулыныл ерыстæ сывæллæтты командæты `хсæн. Хъазынц, 9-æй 10 азмæ кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд. Æдæппæтæй сты 24 командæйы Дзæуджыхъæуæй æмæ районты скъолатæй, уазджытæ сæмбæлдысты Хуссар Ирыстонæй дæр.
Кæд сывæллæтты командæтæ сты, уæддæр сæ хъазт цымыдисаг æмæ зын у. Футболон фæзы æрымбырд сты, æцæгæйдæр, курдиатджын сывæллæттæ. Хъазты райдийан кæд гыццыл фæтыхсынц, уæддæр сæ тренеры уынаффæтæ æрбангом кæнынц æмæ уайтагъд сæхиуыл фæхæцынц. Бацæуы сæ цавæрдæр тых æмæ хъару æмæ уæлахизтæм тырнындзинад. Кæдæрыгæттæ сты, уæддæр сын хъазт бæрнон хъуыддаг у.
Суинаг футболисттæм æрбацыдысты хиуæттæ, æмбæлттæ æмæ зындгонд футболисттæ. Чемпионты номхыгъд «Алани»-ы капитан Джиоты Инал куыд зæгъы, афтæмæй æрыгон спортсментæм кæсы рæсугъд фидæн.
Футболон командæ «Алания»-йы экс-капитан Джиоты Инал: «Нæ Ирыстоны кæддæриддæр уыд курдиатджын фæсивæд. Алкæмдæр агурынц футболæй хъазын курдиат кæмæ ис, ахæм адæм. Махмæ та цæ агурын нæ хъæуы. Сывæллæттæ сæхæдæг тырнынц æмæ хъазынмæ алкæддæр разы сты».
Турнир арæзт цæуы 3-аг хатт. Алы аз цымыдисагдæр кæны. Рæзы йæ архайджыты нымæц дæр. Ацы аз ерысты архайынц 24 футболон командæйы. Турнир аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм уый бæрц командæтæ фыццаг хатт ссыд. æмæ иууылдæр курдиатджын æрыгон спортсментæ.
Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæдон политикæ, физкультурæ æмæ спорты комитеты сæрдар Баситы Марат: «Ацы аз турнир арæзт æрцыд футболон клуб «Барс»-ы дохтыр, Зæнджиаты Асланы номыл. Бирæтæ дзы сты бузныг. Бирæ бакуыста, цæмæй сывæллæттæ хъазгæ-хъазын се нæниздзинад ма халой æмæ цæттæ уой спортæй архайынмæ».
3 азмæ, чемпионат апарахат ис. Ацы æм ссыдысты Хуссар Ирыстоны футболисттæ. Сæ арæхстдзинад æвдисдзысты 2006-æм, 2008-æм æмæ 2009-æм азы гуырд лæппутæ. Турнир ахæсдзæн 10 боны. Хуыздæрты кадджын уавæры схорзæхджын кæндзысты 1-æм июлы.















