Дыууæуæладзыгон ангар ссыгъд базары кæрон. Бæстыхайæ æвæстиатæй 30 адæймаджы ралыгъдысты, фæлæ ма дзы мидæгæй æртæйæ æнхъæлмæ кæсынц ирвæзынгæнджытæм. сæхи бон рацæуын нæу. Уыдон иуылдӕр æрымысгæ цаумæ гæсгæ. Фæлæ ирвæзынгæнджытæ афтæ архайынц, цыма зынгсирвæзт æцæг æрцыд. Цыма бӕстыхайы электрон кусæнгарзæй кæцыдæр ссыгъд æмæ арт стынг ис Дзæуджыхъæуы стырдӕр базартæй иуы.
5 минутмӕ зынгхуыссынгæнджытæ бынаты æрбалæууыдысты. Оперативон штабæй сын информаци фехъусын кодтой. Бæстыхайы ис адæм. Маскæтæ сæ кислороды баллонтæм баиу кодтой, цæмæй сыгъд хъæстæ ма фæуой.
Хъыгдард чи баййæфта, уыдоны тагъд æххуысы къаретмæ хæццæ кæнынц. Зынгхуыссынгæнæн-тактикон ахуыртæ цæуынц дарддæр. Бæстыхайы сæр ныккалд. ирвæзынгæнджытæ хъуамæ сæхи æдасдзинадыл дæр хъуыды кæной. 150 квадратон метрыл зынгсиврæзт тагъд парахат кæны.
Зынгсирвæзт мебелы скълады кæй æрцыд, уый уавæр зындæр кæны. Æцæг куы ‘рцыдаид ахæм цау, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, хъæдын дзаумæттыл арт уайтагъд апарахат уыдаид. Ацы базарадон бынаты зынгсирвæзтытæ иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыдысты.
Фарон ам зынгсирвæзт куы ‘рцыд, уæдæй нырмæ ацы базары ахуыртæ сарæзтой фыццаг хатт. Артимæ тох кæныны арæхстдзинадыл гарнизон æрвылмæй фæкусы. Уæлдайдæр, социалон объектты, адæм бирæ кæм ис, уым. Ацы хатт дæр та сæ хæслæвæрд сæххæст кодтой. Зынгсирвæзтытæй тæссаг рæстæг кæронмæ æрхæццæ, фæлæ адæймаджы архайд дæр хаттгай ахæм фæстиуджытæм расайы.
















