Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ Донецкы сывæллæттæн гуманитарон æххуыс æрæмбырд кодтой. Акцийы, 1-æй 11-æмы онг, æппæт кълæстæ дæр бацархайдтой. Ахæм хъæппæрис разынд ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæм.
Хъарм уæлæдарæс, скъоладзауæн хъæугæ дзауматæ, хъазæнтæ æмæ хойрæгтæ. Уымæй уæлдай, нывтæ æмæ фыстæджытæ сабиты номæй. Гуманитарон æххуыс хæстæгдæр рæстæг арвитдзысты Донецкы 7-æм скъоламæ.
Акци æххæст кæнын фæнд кæнынц дарддæр дæр. Скъоладзауты ма фæнды, Луганскы сын цы æмгæрттæ ис, уыдонæны фарсмæ æрбалæууын.
















