Дзæуджыхъæуы муниципалон скодны уагæвæрдмæ бахастой извддзинæдтæ. Сæрмагонд гæххæт сфидар кодтой абон горæты минæвæртты æмбырды. бахастой сæ федералон æмæ республикон ног закъæттæ хынцгæйæ. Ивддзинæдтæ хауынц муниципалон сконды нывыл кæныны домæнтæм. Уыимæ ма ивддзинæдтæ бахастой горæты 2019-2021 азты бюджетмæ. Уый баст у алыхуызон фæрæзтæй æмæ æфтиæгтæй кæй фæфылдæр, уыимæ. Зæгъæм, хъалонты фиддонтæ кæй фæбæрзонддæр сты. Уыимæ ма артаг судзгæ æрмæджытæй акциз кæй хонынц, уый æфтиæгтæ кæй бафыстой. Уыдонæй, Дзæуджыхъæуы администрацийы финансты разамынды хъæппæрисæй, 2 милуан сомы бахардз кæндзысты горæты фæндæгты цалцæгыл. Хъалонты æфтиæгтæ та – Сабырдзинады фæзы арæзтадон куыстытыл. Ацы аз ацы хъуыддагæн рахай кæндзысты 50 милуан сомы, иннæ аз та – 100 милуаны. Скъолайы агъоммæ ахуырадон уагдæттæн радих кæндзысты 20 милуан сомæй фылдæр. Ахæм ивддзинæдтæ сфидар кодтой Дзæуджыхъæуы минæвæртты 4-æм æмбырды. Уымæй уæлдай ма абон депутаттæ æркæсдзысты Дзæуджыхъæуы зылды генералон пъланмæ. Бæлвырддæр ма уын хабары тыххæй хъусын кæндзыстæм нæ иннæ рауагъды.
Бæстауты Сослан, Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды минæвæртты æмбырды сæрдары хæдивæг: «Абоны æмбырды ныхас кодтам Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды уставы тыххæй. Бæлвырддæр дзургæйæ та, 131 федералон закъонæн дзуапп куыд дæтта. Нæ гортæы цæрджыты размæ рахастам цалдæр ивддзинады федералон закъонмæ цы статьятæ раивтам, уыдоны. Куыд æй федтам, афтæмæй нæ цæрджытæ иузæрдионæй схъæлæс кодтой. Хæстæгдæр рæстæг æмбæлгæ хæслæвæрд снысан кæндзыстæм. Фарста мæ нæ хъус æрдардзыстæм Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды минæвæртты æмбырды».
















