Дзæуджыхъæуы теннисы академи «Асгард»-ы бындурыл уæрæсеаг теннисы туры фæлгæты ацыдысты ерыстæ. Архайдтой дзы æрыгон спортсментæ 9 азæй 10 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Æдæппæттæй 25 архайæджы.
Иуæндæсæй дзы уыдысты нæ бæстæйы æндæр регионтæй. Уыдысты хорз цæттæ. Фыццаг бынат бацахста Кисловодскы минæвар София Хотова, дыккаг – Æгкацты Агундæ æмæ æртыккаг бынат радтой Веста Удаловайæн, Краснодарæй. Спортсменты схорзæхджын кодтой зынаргъ лæвæрттæй.
















