Дзæуджыхъæуы парчы цы бирæуæладзыгон æрдæгарæзт бæстыхай ис, уый халын райдайдзысты 13 августы. Уый тыххæй 10-æм августæй бауромдзысты æппæт атракционты куыст дæр.
Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй куыстытæ чи æххæст кæндзæн, уыдонимæ бафыстой сæрмагонд гæххæтт. Уыимæ ма фембæлдзысты дзуаппдæттæг ведомствоты специалисттимæ, цæмæй æрныхас кæной æдасдзинады фарстатыл. Горæты мэры ныхæстæм гæсгæ бæстыхайæн йæ уæллаг уæладзгуытæ калын райдайдзысты сæрмагонд роботты æххуысæй. Ирыстонмæ сласдзысты 4 ахæм роботы.
Ныхас ма цыд Гæмæх хохы цы рæтæн фæндаг ис, ууыл дæр. Милдзыхты Вячеслав радзырдта, кæй архайынц сæрмагонд проектыл. Уымæн æмæ рæтæн фæндаджы тростæ сты зæрдæхсаинаг уавæры. Афтæмæй та сæ бынмæ цæрынц адæм. Æмбырды ма ныхас кодтой республикæйы эпидемиологон зын уавæрыл дæр. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг Тыбылты Алан куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны цæрджытæ не ‘ххæст кæнынц ковиды ныхмæ санитарон мадзæлттæ. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы фылдæр кæны ковидæй рынчынты нымæц. Тускъаты Таймураз бабар кодта уавæрыл дарддæр дæр архайын, стæй республикæйы районты профилактикон куыст фæтынгдæр кæнын.
















