Дзанайты Барис республикæйы сæргълæууæджы амынддзинадмæ гæсгæ кусæг балцы ис Мæскуыйы. Сæйраг хæс – æрæджы Владимир Путин æмæ Сергей Меняйлойы фембæлды фæстæ цы уынаффæтæ нысангонд æрцыд, уыдон баххæст кæнын.
Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн баххуыс кæныны фарстайыл премьер æрныхас кодта нæ бæстæйы Финансты министрады бюджетты æхсæн ахастдзинæдты фæдыл департаменты директор Лариса Ерошкинаимæ.
Санаторон-курортон æрвылазон хæрдзтæ фæфылдæр кодтой. Ныр хæццæ кæндзысты 57 милуан 600 мин соммæ. Кæд уыцы æххуыс раздæр 336 адæймаджы истой, уæд æй ныр та исдзысты 520 адæймаджы. Стæй раздæр кæд ацы æххуысы программæ 2026-æм азмæ уыд, уæд æй ныр та адæргъвæтин кодтой 2030-æм азмæ. Фембæлды ма ныхас цыд зæххлæбырдтæй тæссаг рæтты чи цæры Мæздæджы районы хъæутæ Предгорное, Сухотское, чысыл Малгобек æмæ Хъызлары, уыдоны æдас рæттæм раивыны тыххæй. Ныртæккæ уыдон сты 140 хæдзары. Æрдзырдтой ма республикон пульмонологон центры рацарæзтыл дæр.
















