Цъæйы комы Абайтыхъæуы къардиуы был хæдтулгæ æрцауындзæг. Цæхгæр фæзилæны машинæ фæндагæй атылд.
Хуыцау хорз, æмæ бæлæстæм ныббыцæу æмæ йæ иннæ фæндаггæттæ федтой. Пассажирты æвæстиатæй рахизын кодтой. Уыдысты дыууæ, сæ иу — æнахъом сывæллон. Дарддæр Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадмæ бадзырдтой. Ирвæзынгæнджытæ машинæ, сæрмагонд гæрзтæй пайдагæнгæйæ, сластой. Фæндаггæттæ фыдбылызæй фервæзтысты, хъыгдард сæ ничи баййæфта.
















