Курдиат фæндонæй ссарга хæзна нæу. Уый Хуыцауы стыр лæвар у. Йæ тых, йæ хъомыс бирæ сты. Хайджын дзы фæцис Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Дзанайты Ольгæ. Абон ыл сæххæст 75 азы. Йæ цард снывонд кодта ирон аивадæн. Ныр 25 азы разамынд дæтты Национ зарæджы нæлгоймæгты паддзахадон къордæн. Йæ сæйраг хæсыл банымадта адæмон сфæлдыстад бахъахъхъæнын. Хъомыл кæны музыкантты ног фæлтæртæ, стыр аргъ сын кæны сæ хъомысæн.
Ацы хъæлæстæ куы азæлынц, уæд ирон лæджы зæрдæ тагъддæр кусын райдайы. Аивадуарзджытæ ныссабыр вæййынц. Лæмбынæг фæкæсынц зарæггæнджыты алы змæлдмæ æмæ абалц кæнынц аивады дунемæ. Нæлгоймæгты тыхджын тенортæ æмæ баритонтæ коммæ кæсынц аив æмæ къæсхуыртæ сылгоймагмæ. Дзанайты Ольгæ сценæйыл йæхи хоны командыгæнæг. Куысты тæригъæд кæнын нæ зоны, уымæн æмæ уæд аивад лæмæгъ кæны. Ам Мариинаг театры цæгаирыстойнаг филиалы йæ карз сылгоймагыл нымайынц, фæлæ артисттæ зæгъынц, зæгъгæ, уый стыр амонд у, ахæм аивадон разамонæгимæ кусын.
Сценæйыл хи лæмæгъæй ма равдисын – уымæй хицæн кæнынц бæрзонд цæттæдзинадимæ артисттæ, сæ иу Дзанайты Ольгæ. Абон ыл сæххæст 75 азы, фæлæ йыл йæ бонтæ нæ тых кæнынц. Репетици райдианæй кæронмæ амоны лæугæйæ. Куысты фæдыл фарстатæ, быцæутæ куы сæвзæры, уæд Ольгæ байхъусдзæн, алкæйы хъуыды дæр базондзæн, фæлæ алкæддæр вæййы раст. Уымæн æмæ у стыр профессионал, йæ фæлтæрддзинадимæ ерыс кæнын зын у. Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы æмæ Гнесинты номыл музыкæйы Уæрæсейаг академийы рауагъдонмæ бирæ зонындзинæдтæ ис.
Аивадон разамонæгмæ артисттæм бирæ домæнтæ ис. Раздæр национ зарæггæнджыты нæлгоймæгты хоры архайджытæ уыдысты алы дæсныйæдтæй, хатгай иу афтæ уыд, æмæ нотæтæ дæр нæ зыдтой. Ныртæккæ та фæсивæдæй чи æрбацæуы, уыдонмæ вæййы музыкадон ахуырад, нæ фыдæлты зарджытимæ профессионалон æмвæзадыл зонгæ чи у, ахæмтæ. Коллективæн стыр аргъ кæнынц бæстæйы алы бынæтты, бацагурынц сæ. Ирыстоны фырттæ æмæ чызджытæ хъуамæ иннæтæй æвзæрдæр нæ, фæлæ хуыздæр уой. Афтæ кусы Дзанайты Ольгæ.
Разамонæг, педагог, уымæн æмæ Дзанайты Ольгæ фыццаджыдæр артистты ахуыр кæны. Бирæты та суанг скъолайы азтæй фæстæмæ. Разамынд дæтты аивæдты республикон лицейы камерон хор “Арион”-æн. Сывæллæттæн бауарзын кодта хоры музыкæйы хуыздæр традицитæ. Коллектив сæмбырд кодта. Кæд карз у, уæддæр æй йæ хъомылгæнинæгтæ бирæ уарзынц. Йе ‘мкусджытæ йын стыр аргъ кæнынц, куыд зæгъынц, афтæмæй æрыгон æмæ æвæлтæрд композитортæм æмæ национ зарджытæм Дзанайты Ольгæйæ фылдæр æргом æмæ рæстæг ничи раздæхта.
Æмæ фæллайгæ дæр нæ кæны. Алы репетицийы фæстæ дæр цыма амондджындæр фæвæййы, афтæ. Йæ куыстæй разы куы уа, уæд филармонийæ рацæуы хъæлдзæгæй. Артисттæ архайынц сæ разамонæджы амынддзинæдтæ æххæст кæныныл. Иу хаттæй иннæмæ сæ арæхстдзинадыл нæ ауæрдгæйæ æнхъæлмæ фæкæсынц Ольгæйæ разыйы ныхас фехъусынмæ. Цымыдисаг та уый у, æмæ Дзанайты Ольгæ царды бынтон æндæр хуызæн у. Фæлмæн, зæрдæхæлар, æгæрон уарзтæй уарзы сывæллæтты. Иу хатт йемæ чи фембæлы, уый нал ферох кæндзæн. Махъоты Ацæмæзимæ зонгæ сты цыппор азæй фылдæр. Дыууæйæ дæр скъолайы куыстой. Уæрæсейы аивæдты сгуыхт кусæджы ныхæстæм гæсгæ Ольгæйы хуызæн адæмимæ стæм хатт сæмбæлд.
2017-æм азæй национ зарæггæнджыты нæлгоймæгты хор бакодтой Мариинаг театры филиалы дæлбар. Филармонийы аивадон разамонæг Махъоты Ацæмæз уæд хъæддыхæй загъта, къордæн хъуамæ разамынд дæтта Дзанайты Ольгæ. Алцæмæй æххæст сылгоймаг – æгæрон курдиаты хицау, раззагдæр дирежер, иттæг хорз ахуыргонд æмæ фæллойуарзаг. Уыдон сты йæ куысты сæйраг æууæлтæ. Хормейстер, Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, æмæ адæймаг, кæцы ирон адæмы традицион зарджытæ бахъахъхъæдта æмæ сæ æнустæм рох кæнын нæ бауагъта.
















