Фæсаууонмæ куыстыл хæст чи у, уыдоны нымæц фæкъаддæр кæнын, уыимæ паддзахадон фæллойадон ахастдзинæдтæ фæхуыздæр кæнын. Ууыл дзырдтой Президенты æххæстбарджын минæварады Цæгат Кавказы федералон зылды. Видеобастдзинады хуызы дзы архайдта Сергей Меняйло дæр. Æххæстбарджын минæвар Юрий Чайкайы ныхæстæм гæсгæ, фарста Цæгат Кавказы регионтæн уæлдай ахсджиаг у. Уавæрыл сахадæн ис æрмæст æмархайд æмæ æмгуыст кæнгæйæ.
Æмбырды архайджытæ фæнысан кодтой, хæдбарæй кусæг адæмы нымæц кæй рæзы. Афæдзмæ сæ нымæц æртæ хатты фæфылдæр. Уый руаджы, Юрий Чайкайы хъуыдымæ гæсгæ, фæллойы базарад дæр æвдисы хорз бæрæггæнæнтæ. Кæронбæттæны ма ныхас кодтой адæмы социалон æмæ фæллойадон бартæ хъахъхъæныныл.
















