Цæгат Кавказы «Машук»-ы юбилейон форуммæ архайджыты регистраци кæнынц. Арæзт уыдзæн æртæ хайæ. Традицимæ гæсгæ, ам æрæмбырд уыдзысты фæсивæд, амалхъом адæм æмæ хицауады уæнгтæ. Фыццаг сменæ райдайдзæн 9-æм августы. Уым дзурдзысты куысты мидæг фæлтæрддзинадыл, ног технологитыл. Фæсивæдæн фадат уыдзæн. Куыст чи дæтты, уыцы адæмимæ аныхас кæнынæн.
Дыккаг фæлтæры хæстæ бабæтдзысты социалон хъуыддæгтæ аиуварс кæныныл æмæ адæмыхæттыты `хсæн ахастдзинæдтыл. Уымæй уæлдай ма дзы архайдзысты журналисттæ, блогертæ, сфæлдыстадон дæсныйæдты минæвæрттæ. Æртыккаг фæлтæры сæйраг хъуыды та уыдзæн «Я – лидер», зæгъгæ, нысанимæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, «Машук» ацы аз сараздзысты 10-æм хатт. Ныронгмæ дзы архайдтой 20 мин адæймагæй фылдæр. Ацы аз се `хсæн хъуамæ уой канд Цæгат Кавказæй нæ, фæлæ ма нæ бæстæйы иннæ регионтæй дæр.
















