Зынцъар зын цардæй кæд хъуамæ фервæза, уый, цымæ, чи зæгъдзæн? Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы хъæуы 3 азы нæй дукани. Адæмы дзул балхæнынмæ дæр бахъæуы сыхаг хъæутæм, кæнæ Алагирмæ цæуын. Æмæ ма йæ хæдтулгæ йæ рæбыны кæмæн ис, уый исты амæлттæ кæндзæн. Фæлæ карджын адæмæй хъазæнхъул цæмæн рауад, уымæн бæлвырд дзуапп нæ дæттынц нæдæр бынæттон администрацийы, нæдæр та фæлхасгæнджыты `хсæнады. Не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ абалц кодтой Алагиры районмæ. Цы федтой æмæ цы базыдтой, уымæ ныртæккæ бакæсдзыстут.
Кæд бирæ нанатæн сæ райсом аходæнæй райдайы, уæд ацы хъæуы карджын адæм та сыхаг хъæуты дукани агурæг уынгты зилынц. Сæхи Зынцъары æртæ азæй фылдæр хойраг балхæнæн ран нал ис. Нæхи хъаруйæ, дам, тох кæнæм ацы хъуыддагимæ. Чи хæдзарон фосы руаджы ирвæзы, чи та хæдтулгæ баххуырсы, цæмæй хæстæгдæр хъæумæ дуканимæ ацæуа. Хæххон хъæуы цæрджытæ катай кæнынц, куыд ис цæрæн æнæ дуканийæ?! Фæнды сæ бамбарын, дукани сæм цæй аххосæй нæй, уый.
Хъæуыхицау бынæттон цæрджытæн бæргæ дзырдта, ома, уæхицæй исчи дуканигæс ныллæууæд, зæгъгæ. Фæлæ мин æмæ `рдæг сомы йас мыздмæ рад адæмæй куыд хъуамæ байдзаг уа? Ахæм улупа мæймæ хъуамæ иса… Кæй зæгъын æй хъæуы, ничи разы кæны. Не знаг, дам, уыцы `хцайæ мæй фæцæрæд. Бинонты нæ, фæлæ дзы иу мæллæг гæды дæр нæ фæдардзынæ. Районы фæлхасадон æхсæнад ныхъхъус ис. Хъуыддаг махæн бамбарын кæной, уымæ сæ ныфс нæ бахастой. Дзуапп хъæуы хицауæй бацагуырдтам.
«Ацы хъуыддаджы тыххæй фæлхасгæнджыты `хсæнады хицау Борæты Зойæмæ бирæ хæттыты бацыдыстæм. Куы йæм сæмбæлæм, уæддæр та нæ раздахы, æркæсдзыстæм ацы хъуыддагмæ, зæгъгæ. Фæлæ йæм цал хатты `ркастысты æмæ дзы цал хатты цы федтой, уый абоны онг дæр нæма зонæм», — хъæуы хицау Мæргъиты Тамерлан.
Цæрджытæ, дуканигæс сæм кæй нæй, æрмæст ууыл нæ тыхсынц. Йæ бæстыхай йын сарæзтой 50 азæй фылдæры размæ. Цалцæг дæр æй никуы скодтой. Азæй-азмæ заууатмæ цæуы. Афтæмæй дуканийы уæййæгтæ уынджы дæр куыд хъуамæ равæрой? Хъæуыхицау куыд зæгъы, афтæмæй хъуыддагыл æппынæдзух кусынц. Йæ зæрды ис Уыналы дуканигæсы къуыри иу хатт Зынцъармæ æд хойраг æмæ цардæн хъæугæ дзаумæттимæ ласын. Фæлæ уый дæр бæлвырд нæма у. Бынæттон цæрджытæ фæнд кæнынц æмбырд саразын. Уым сын кæд исты ирвæзæн хъуыдымæ `рцæуын бантысид.
Уазиты Зæлинæ
















