Ног азы бæрæгбæтты агъоммæ Цæгат Ирыстоны райдыдта æдасдзинады домæнтæ зæрдыл дарыны профилактикон куыст. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æмбæлынц бирæсывæллонджын æмæ зын уавæрты цæрæг бинонтимæ. Зонгæ сæ кæнынц, зынгсирвæзтытæй хи куыд бахъахъхъæнын хъæуы, уыимæ. Ацы профилактикон мадзæлтты архайынц иннæ министрадтæ æмæ организациты минæвæрттæ дæр.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æдасдзинады домæнтæ æмбарын кæнынц алы сывæллонæн дæр хицæнæй. Базыратæн та сты 5. Хистæрыл цæуы 12 азы, æппæты кæстæрыл та 2. Сæ мады ныхæстæм гæсгæ, уал сывæллонмæ фæкæсын æнцон нæу. Фæлæ сæм æдасдзинады домæнтæм уæлдай цæстдард ис.
«Мах нæхæдæг дæр сывæллæттимæ фæныхас кæнæм, спичкæтæм æмæ газмæ æнæхъуаджы вналæн нæй, зæгъгæ. Ахæм мадзæлттæ хъæуынц уымæн, æмæ ныййарджытæй хуыздæр байхъусынц сывæллæттæ специалисттæм», — Базраты Ольга.
Ног азы агъоммæ ахæм ныхас сывæллæттимæ уæлдай ахсджиаг у. Бæрæгбонмæ бирæ нал баззад. Статистикæмæ гæсгæ, уыцы бонты уæлдай бирæ зынгсирвæзтытæ вæййы.
«Æз базыдтон, бенгалиаг цырæгътæ хæдзары судзæн кæй нæй, уæдæй фейерверктæ дæр æдтейы уадзын хъæуы. Стæй ма базыдтон, зынгсирвæзты рæстæг кæдæм дзурын хъæуы,уый. Номыр у 101», — Базраты Анастасия.
Рейдты рæстæг сывæллæттæн бацамонынц æдасдзинады сæйраг домæнтæ. Зæгъæм, иту кусгæйæ уадзæн нæй, æнæ хистæрты бафæрсгæйæ электрон техникæйæ пайда кæнын нæ хъæуы æмæ æндæртæ. Домæнтæ зын не сты, фæлæ сæ сеппæт нæ фæхъуыды кæнынц. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ уæлдай цæстдард здахынц бирæсывæллонджын бинонтæм. Уым æппæт сывæллæттæм фæкæсын зын вæййы. профилактикон ныхас та семæ æнæмæнг фæхъæуы.
«Абоны онг республикæйы уыд 300 зынгсирвæзты. Фæмард дзы 2 адæймаджы. Зынгсирвæзтытæй 8 рауадысты сывæллæтты аххосæй. Иу сывæллон хъыгдард баййæфта», — Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгат ирыстойнаг хайады зынгсирвæзтытæм паддзахадон цæстдард æмæ профилактикон куысты хайады сæйраг специалист Хъæрæцаты Гия.
Алы бинонтæн дæр радтой хи зынгсирвзтытæй куыд бахъахъхъæнын хъæуы, ахæм информацийымæ гæххæттытæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ фæнд кæнынц æрмæст Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ ма республикæйы районты цы бирææсывæллонджын бинонтæ цæры, уыдоны дæр бабæрæг кæнын.
Биджелты Бертæ
















