Хъæуты посты хайæдтæ сног кæнынæн Уæрæсейы хицауад рахай кæндзæн 5 млрд сомы. Ахæм бардзырд бафыста бæстæйы хицауады сæрдар Михаил Мишустин.
Æхцайы фæрæзтæй сцалцæг кæндзысты 1 мин 200 посты хайады. Сифтонг сæ кæндзысты хъæугæ дзауматæ æмæ кусæнгæрзтæй. Уымæй уæлдай, бахъуаджы рæстæг сараздзысты тагъдаразгӕ бæстыхæйттæ.
Æдæппæтæй Уæрæсейы сног кæндзысты 25 минæй фылдæр посты хайады. Уыдонæн сæ фылдæр хай ныртӕккӕ сты заууат уавæры.
















